Перейти к содержанию

Хъодзаты Æхсар

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъодзаты Æхсар
Галиуырдыгæй рахизырдæм: Хъодзаты Æхсар, Гусалты Барис, Кокайты Тотырадз, Хъæрæцаты Зæирæ, Хæмыцаты Албег
Галиуырдыгæй рахизырдæм: Хъодзаты Æхсар, Гусалты Барис, Кокайты Тотырадз, Хъæрæцаты Зæирæ, Хæмыцаты Албег
Райгуырды датæ 1937-æм азы 30 июны(1937-06-30)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 2021-æм азы 13 ноябры(2021-11-13) (84 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Ахуырад
Архайды хуыз фыссæг, поэт, сæйраг редактор

Хъодзаты Мæхæмæты фырт Æхсар (райгуырдис 1937-æм азы Бруты — амардис 2021-æм азы 13 ноябры) у зындгонд ирон поэт, прозаик, журнал «Мах дуджы» сæйраг редактор.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

1952-æм азы йæ бинонтæ алыгъдысты Кæсæг-Балхъары республикæмæ æмæ æрцардысты сахар Теречы. Ам Æхсар каст фæци астæуккаг скъола. 19551956 азты куыста Назраны станцæйы поездтæ аразæгæй. Уый фæстæ сси Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историон-филологон факультеты студент, каст дзы фæци цыппар курсы. 19611963 азты куыста Мæцутæйы скъола-интернаты ахуыргæнæгæй, Алагиры районы газет «Путь к коммунизму»-йы редакцийы, 1963–1967 азты та — Цæгат Ирыстоны радиойы. 1969-æм азы Мæскуыйы каст фæци ССР Цæдисы цур Уæлдæр литературон курсытæ æмæ кусын райдыдта журнал «Мах дуг»-ы редакцийы 19771982 азты уыди Фысджыты цæдисы бæрнон секретарь. Ныртæккæ у журнал «Мах дуджы» сæйраг редактор.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]