Перейти к содержанию

Фрик (поэт)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Фрик
сом. Ֆրիկ
Райгуырды датæ 1234
Мæлæты бон 1315
Архайды хуыз поэт
Уацмысты æвзаг сомихаг
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Фрик (сом. Ֆրիկ; райгуырдис 1234-æм азмæ ’ввахс — амардис 1315-æм азмæ ’ввахс) у сомихаг поэт. Фрик у йæ псевдоним, йæ ’цæг ном бæрæг нæу. Фыццаг сомихаг поэт, кæцы фыста астæусомихаг æвзагыл.

Цард æмæ сфæлдыстад

[ивын | Бындур ивын]

Йæ биографи баззад æрмæстдæр йе ’мдзæвгæты[1]. Бæрæг сты æрмæст йæ фыды æмæ йæ фыды ’фсымæры нæмттæ — Тагвош æмæ Додоны. Авторы сфæлдыстадмæ гæсгæ уый райгуырд монголтæ Сомих тыххæй куы байстой, уыцы заманы райдайæны. Цардис Скæсæны Сомихы тæтæр-мангойлаг æфсад æй куы байста, уæд. Америкæйаг ахуыргонд Р. Томсоны хъуыдымæ гæсгæ поэт райгуырд Сюничы[2]. Гæнæн ис æмæ Фрик йæхæдæг дæр уыд монголты уацары. Фыццагæй уыд бонджын, фæлæ йæ фæллой куы фесæфта, уæд æн æбарыйæ уæвгæйæ хъаллоны бæсты залогы ратта йæ фырты. Æхца бафидын йын йæ бон нал бантыст.

Алыхуызон ратæдзæнтæм гæсгæ поэты æмдзæвгæтæй баззад 45-мæ ’ввахс кæнæ 50-æй фылдæр. Уыдонæн сæ иуыл хуыздæртæ бацыдысты æппæтдунеон литературæйы хæзнадонмæ. Фрик у æхсæнадон протесты поэзийы бындурæвæрæг[3]. Йæ сфæлдыстады хай фыст у классикон рагсомихаг æвзагыл, иннæ хай æмбиссомихаг æвзагыл. Автор йæхæдæг фыста: «фыссы афтæ æргом, цæмæй алкæмæндæр æмбæрстгонд уа». Поэты сфæлдыстады ис уарзондзинады лирикæ дæр: уый ’хсæн иуыл зынгонд у æмдзæвгæ «Уарзондзинады дидинæг» «Цветок любви»). Фыста ма æмдзæвгæтæ чырыстон ахуырады стилы зæххон царды æнæпайдайы тыххæй («Сердце мое, отчего ты забилось?»). Фрикы поэзийы бæлвырдгонд у хуымæтæг адæмты æнæуынондзинад феодалон æфхæрдмæ ’мæ монголтæм, адæмы зындзинæдтæ æмæ хъуыдытæ. Æмдзæвгæйы«Хъастытæ» æмæ иннæ уацмысты Фрик йæхи ’вдисы куыд стыр патриот, кæцы фауы монголты æгъатырдзинад. Уыимæ иумæ Фрик йе ’мдзæвгæты иуы ’вдисы йæ хорз ахаст Аргун-ханмæ.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Краткая литературная энциклопедия / Гл. ред. А. А. Сурков, год 1975,Том 8, 150 с.
  2. Michael E. Stone. Adam and Eve in the Armenian Traditions, Fifth through Seventeenth Centuries. — P. 687. — (Early Judaism and its literature, 38).
  3. Армянская Советская Социалистическая Республика / Издание 3

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Поэзия народов СССР IV – XVIII веков (Библиотека всемирной литературы) / Вступ. статья и сост. Л.Арутюнова и В.Танеева.. — М.: Художественная литература, 1972. — Т. 55. — С. 228-233.