Перейти к содержанию

Хохаг Автономон Социалистон Советон Республикæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
АССР
Хохаг Автономон Социалистон Советон Республикæ
уырыс. Горская Автономная Социалистическая Советская Республика
Паддзахад
Админ. центр Дзæуджыхъæу
Истори æмæ географи
Бындурæвæрды датæ 1921-æм азы 20 январы[1]
Ликвидацийы датæ 1924-æм азы 7 июлы[1]
Фæзуат 74 000 км²
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Хохаг Автономон Социалистон Советон Республикæ картæйыл

Хохаг Автономон Социалистон Советон Республикæ (ХАССР) уыдис УСФСР-ы сконды республикæ (1921-æм азы 20 январæй 1924-æм азы 7 июлы онг), йæ фæзуатмæ бахаудысты Уæрæсейы империйы кæддæры Терчы облæст æмæ Хъобаны облæсты иу хай.

ХАССР-ы фæзуат уыдис 74 000 км² фылдæр, цæрджыты нымæц — 1286 мин адæймаджы бæрц (1921). Сæйраг сахар уыд Дзæуджыхъæу.

1920-æм азы цæрджыты сфысты фæстиуджытæ

Хохаг АССР-ы мидæг уыдис цалдæр зылды:

  • Балхъайраг,
  • Дыгурон (1921—1922),
  • Ирон,
  • Кæсгон,
  • Мæхъхъæлон,
  • Сунжæйаг,
  • Хъæрæсейаг,
  • Цæцæйнаг.

1921-æм азы Хохаг ЦИК бауынаффæ кодта дыууæ ног зылды саразын: Дыгурон — дыгурæттæ кæм цæрынц, уым, æмæ Сунжæйаг — хъазахъхъæгтæ ма кæм цардысты, уыцы зæххыл. 1922-æм азы сæрды Дыгурон æмæ Ирон зылдтæ баиу кодтой. 1924-æм азмæ республикæйы баззадысты цыппар зылды: Дзæуджыхъæуы (Ирон), Назраны (Мæхъхъæлон), Сунжæйы хъазахъхъаг зылд æмæ, хицæнæй, сахар Дзæуджыхъæу.

Хохаг АССР-йы скондæй рахицæн кодтой автономон зылдтæ (фæстæдæр автономон облæстытæ) — Кæсгон (1921-æм азы 1 сентябры), Хъæрæсейаг (1922-æм азы 12 январы), Цæцæйнаг (1922-æм азы 30 ноябры) æмæ Балхъайраг (1922-æм азы 16 январы).

Уыцы хицæн автономиты саразынмæ зылдта нарком А. И. Микоян, кæцы 1924-26 азты уыдис Æппæтуæрæсейаг коммунистон партийы Цæгат-Кавказаг крайкомы фыццаг секретарь.

1924-æм азы 7 июлы ВЦИК-ы декретæй Хохаг АССР аиувæрсгонд æрцыдис, йæ бынаты сарæзтæуыд Цæгат-Ирон, Цæцæйнаг æмæ Мæхъхъæлон автономон облæстытæ, Сунжæйаг хъазахъхъаг зылд æмæ хицæнæй ВЦИК-ы дæлбар сахар Владикавказ (Дзæуджыхъæу).

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Кажаров А. Г. Трудности и противоречия образования Горской АССР (1920—1921 гг.) // Научные проблемы гуманитарных исследований. — Пятигорск: Институт региональных проблем российской государственности на Северном Кавказе, 2009. — № 10—2. — С. 34—41.
  • Кринко Е. Ф. Горская АССР и её руководящий состав: из опыта нациестроительства на Северном Кавказе в начале 1920-х годов // Вестник Оренбургского государственного педагогического университета. — Оренбург: Оренбургский государственный педагогический университет, 2014. — № 2 (10). — С. 100—105. — ISSN 2303-9922.
  • Даудов А. Х. Государственное устройство Горской АССР // Вестник Санкт-Петербургского университета. — СПб.: Санкт-Петербургский государственный университет, 2012. — № 1. — С. 31—41. — ISSN 1812-9323.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]