Бубукин, Валентин Борисы фырт
| ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Иумæйаг информаци | ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Æнæхъæн ном | Валентин Борисович Бубукин | |||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Райгуырдис |
1933-æм азы 23 апрелы[1][2] |
|||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Амардис |
2008-æм азы 30 октябры[3] (75 азы) |
|||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Æмбæстонад | ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Ас | 180 см | |||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Уæз | 78 кг | |||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Позици | размæбырсæг | |||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
|
||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
Викикъæбицы медиа |
Валенти́н Бори́сович Бубу́кин (1933-æм азы 23 апрелы, Мæскуы — 2008-æм азы 30 октябры, Мæскуы) у советон футболист, Европæйы хъалацы чемпион (1960), Советон Цæдисы спорты сгуыхт мастер (1960), УСФСР-йы сгуыхт тренер (1990).
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Валентин Бубукин райгуырдис Мæскуыйы, шофыры бинонты[4]. Йæ сабибонтæй уарзта футбол, баскетбол, хоккей æмæ æндæр спорты хуызтæ. 1947-æм азы бацыдис Мæскуыйы спорты скъола «Крылья Советов»-мæ æмæ дзы уыдис централон размæбырсæг. Уайтагъд йæхи равдыста арахстджынæй, результатмæ тырнагæй. Цалдæр къуырийы фæстæ хъазыдта фæсивæдон командæйы сконды.
1952-æм азы æрбацыдис Мæскуыйы Уæлдæфон тыхты клубмæ (ВВС Москва), хъазыдис йæ дублёрты сконды[4]. 1953-æм азы та бацыдис «Локомотив»-мæ, клубы сæйраг тренер ма Борис Аркадьев куы уыдис, уæд. 1957-æм азы Бубукин бакуырдта уæлахизы гол мæскуыйаг «Спартак»-ы дуармæ. Æрбахуыдтой йæ иугонд командæмæ, кæцы командæимæ архайдта дунейы чемпионаты Швецийы (1958), фæлæ командæ куы фембылды, уыцы хъазты хайад нæ иста, бадтис бæндоныл æнæхъæн хъазты рæстæг. 1960-æм азы Европæйы хъалацы тыххæй та хъазыдис фæзы.
1961-æм азы йæ кæйдæр тренер Всеволод Бобров йæ бахуыдта ЦСКА-мæ, ацы клубы Бубукин ахъазыд 20 матчы, бакуырдта 3 голы. Чемпионат куы фæци, уæд раздæхтис «Локомотив»-мæ. Уыцы бонæй бакуырдта ма 21 голы ацы комæндæйы. Уыцы иу рæстæг ахуыр кодта тренеры дæсныйад.
Футболисты карьерæ куы фæци, уæд сæйраг тренерæй куыста «Локомотивы», стæй иннæ сахарты дæр — Симферополы, Львовы, суанг ма Вьетнамы сæйраг сахары. Ханойы куы куыста, уæд советон минæвæрады кусджыты тренер дæр уыд, йæ мысинæгты уый тыххæй куыд радзуры, афтæ[5].
Амардис Мæскуыйы 2008-æм азы 30 октябры, 76 азы йыл куы цыдис, уæд.
Æнтыстытæ
[ивын | Бындур ивын]- Европæйы чемпион (1960).
- Советон Цæдисы чемпионаты æвзист призёр (1959)
- Советон Цæдисы хъалацы рамбулæг (1957).
- Вьетнамы чемпион (1978, куыд тренер).
Йæ ном куыд мысынц
[ивын | Бындур ивын]- Сочийы микрорайон Дагомысы ис Валентин Бубукины номыл аллей.
- 2009-æм азæй дзы цæуы æрвылазон Валентин Бубукины мемориалон ерыс.
- Йæ ном ис Кады аллейы «РЖД Арена»-йы стадионы цур.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Valentin Bubukin // FBref.com (цалд.)
- ↑ Valentin Bubukin † // Transfermarkt (цалд.) — 2000.
- ↑ http://uk.reuters.com/article/worldFootballNews/idUKLU74480020081030
- ↑ 4,0 4,1 Валентин Бубукин // Loko.News(недоступная ссылка). Датæ: 2020-æм азы 25 июны. Архив 2020-æм азы 27 июны.
- ↑ Мяч, пробитый им, и теперь летит над землей. Древо памяти Валентина Бубукина. 2017. ISBN 5040440154
- 23 апрелы чи райгуырдис, уыдон
- 1933-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- Мæскуыйы чи райгуырдис, уыдон
- 30 октябры чи амардис, уыдон
- 2008-æм азы чи амардис, уыдон
- Мæскуыйы чи амардис, уыдон
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Спортсментæ алфавитмæ гæсгæ
- Футболисттæ алфавитмæ гæсгæ
- Футболон тренертæ алфавитмæ гæсгæ
- СЦКП-йы уæнгтæ
- Советон Цæдисы футболисттæ