Перейти к содержанию

Андиаг æвзаг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Андиаг æвзаг
Хином къIваннаб мицци
Бæстæтæ Дагъистан (Ботлихы район, Хасавюрт, Махачкала)
Официалон статус Дагъистан Дагъистан
Дзурджыты нымæц 23000-65000
Классификаци
Категори Евразийы æвзæгтæ

Цæгат-кавказаг æвзæгтæ

нахаг-дагъистайнаг æвзæгтæ
солиаг-андиаг-цезаг æвзæгтæ
Фыссынад

кириллон алфавит

  • Фæлæ йæ варианттæ систематизацигонд нæма ’рцыдысты
Æвзаджы кодтæ
ISO 639-1 ani
ISO 639-2
ISO 639-3 ani
ГОСТ 7.75–97 ахв 074
WALS anx
Atlas of the World’s Languages in Danger 1037
Ethnologue ani
ELCat 948
IETF ani
Glottolog andi1255

Андиаг æвзаг (къIваннаб мицци) — у андиаг адæмы æвзаг.

Кæм цæрынц

[ивын | Бындур ивын]

Андиаг æвзагыл дзурынц Дагъистаны Ботлихы районы цалдæр хъæуы: Анди, Гунха, Гагатли, Муни, Кванхидатли, Зилойы, стæй сахартæ Махачкала æмæ Хасавюрты.

Дзурджыты нымæц

[ивын | Бындур ивын]

2002-æм азы Æппæтуæрæсеон сфыстмæ гæсгæ андиагау дзурджыты нымæц у 24 мин адæймаджы, фæлæ гæнæн и æмæ уыцы нымæц фылдæр уа.

Диалекттæ

[ивын | Бындур ивын]

Андиаг æвзаг у андиаг æвзæгтæй иу. Уымæн ис уæллаг-андиаг (хъæутæ Анди, Гагатли, Риквани, Зило) æмæ дæллаг-андиаг (Муни, Кванхидатли) диалектты къорд ныхасыздæхтытæ. Диалектты мидæг ис мырон (уæллаг-андиаг диалекты нæй мыр «кьI») æмæ морфологион (цæвиттон, дæллаг-андиаг диалекты ис æртæкъласон системæ) хъауджыдзинæдтæ.

Андиаг æвзаджы ис номон къласы фондзуæнгон системæ, Рикванийы ныхасыздæхты та — æхсæзуæнгон; ис ма аффективон хауæны форманты конды мидæг къласон æвдыстæгтæ: рахицæнгæнæн ис локализацийы 7 серийы, æнæуый та нысан «мидæг» нымæцы миниуæгмæ гæсгæ (иуон нымæц - «ла/-а», бирæон нымæц - «-хъи», дæнцæгæй: «гьакъу-ла» (хæдзары мидæг), фæлæ «гьакъоба-хъи» (хæдзæртты мидæг); мивдисæджы нымæцы æвдыстæуы аблаутæй: «имуво воцци в-усон» (фыд æрвады ссардта), фæлæ «имуво воццул в-осон» (фыд æрвадæлты ссардта).

Андийы хъæуы ныхасыздæхты ис хъауджыдзинæдтæ сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгты ныхасы. Дæнцæгæй: «дин» (æз), «мин» (ды), «гьекIа» (адæймаг), сылгоймæгтæ та дзурынц: «ден», «мен», «гьекIва».

Фыссынады тыххæй

[ивын | Бындур ивын]

Андиаг æвзагæн ис хигъæдон фыссынад кириллон алфавиты бындурыл.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]