Перейти к содержанию

Смартфон

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Смартфон ASUS ZenFone 2 ZE551ML

Смартфо́н (англ. smartphone — зæнджын телефон) — мобилон телефон (нырыккон — фылдæр сенсорон экранимæ), кæцыйы мидæг ис дзыппон персоналон компьютеры функцитæ.

Коммуникатор (англ. communicator, PDA phone) — дзыппон персоналон компьютер, кæцыйы мидæг ис мобилон телефоны функцитæ.

Нæ бон у зæгъын мобилон телефонты алыхатт дæр кæй уыдис уæлæмхасæн функцитæ (калькулятор, къæлиндар), фæлæ уæддæр азæй азмæ уагъд цыдысты зæнджындæр моделтæ. Цæмæй бæрæг хицæндзинад уа хуымæтæг телефонты ’хсæн æмæ сæ «зæнджын» æмгæртты ’хсæн, уый тыххæй ног термин фæзынд «смартфон». ДзПК популярон куы сси, уæд уагъд цыдысты ахæм фæрæзтæ мобилон телефонты функцитимæ, сæ ном та коммуникатор. Ныр ничи уал сæ хицæн кæны смартфонтимæ, уый тыххæй æмæ дыууæ дзырд дæр нысан кæнынц иу фæрæз: миниатюр алыфадыгон компьютер, кæцыйы ис архайæджы интерфейс æмæ мобилон телефоны радио-интерес.